Адæмон аргъæуттæ. Æлдар æмæ æххуырст. Æртæ чызджы аргъау

Адæмон аргъæуттæ. Æлдар æмæ æххуырст. Æртæ чызджы аргъау
Рафыссын
Царди мæгуыр лæг æмæ ус. Иу бон ус куыроймæ ацыдис æмæ уым лæппу ныййардта. Катайы бацыдис ус: "Ныр ме ссад хæссон æмæ мæ лæппу ам зайы, лæппуйы хæссон æмæ ссад куыд уадзон".
Уæд æм лæппу дзуры:
- Æз дын де ссад схæсдзынæн, кæд, куы ссæуæм, уæд мын мæхийас гуыл скæндзынæ, уæд.
Уæд æм ус дзуры:
- Схæсс æй, уый йедтæмæ дын дæхицæй дыууæйыйас гуыл дæр скæндзынæн.
Лæппу йе ‘ккой ссад акодта æмæ йæ схаста. Куы схæццæ сты, уæд ын йæ мад йæхийас гуыл скодта, æмæ йæ лæппу ахордта.
Биазырты Алыксандр æмæ Гуыцмæзты Михалы чиныг "Адæмон аргъæуттæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0