Хуссар Иры ӕрдзырдтой Инвестпрограммӕйы объектты арӕзтадыл

© Photo : Пресс-служба Правительства РЮОХуссар Иры ӕрдзырдтой Инвестпрограммӕйы объектты арӕзтадыл
Хуссар Иры ӕрдзырдтой Инвестпрограммӕйы объектты арӕзтадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Джуссойты Константин ауагъта Инвестпрограммӕйы реализацимӕ хъусдарды фӕдыл штабы фыццаг рабадт ацы аз. Уый тыххӕй хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.
"Абон мах уадзӕм оперативон штабы фыццаг рабадт. Уый фӕдыл алкӕмӕдӕр сидын, цӕмӕй арӕзтадон куыстытӕ афтӕ сорганизаци кӕнат, ӕмӕ дзы уа ӕнӕмӕнхъӕугӕ темп ӕмӕ куыстыты ӕдасдзинад, афтӕ ма дзы цӕмӕй ма фӕзына ӕрмӕджыты цухдзинад. Ацы хӕслӕвӕрдтӕ скъуыддзаг кӕнынмӕ хъуамӕ алкӕмӕдӕр уа бӕрнон ахаст", - бахахх кодта Джуссойты Константин.
Арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министр Зӕгъойты Эдуард радзырдта хицауады сӕрдарӕн куыстыты тыххӕй, афтӕ ма аразгӕ объектты проектон-сметон документацийы цӕттӕдзинады тыххӕй.
Инвестпрограммӕйы ӕдӕппӕтӕй ис 18 объекты, уыдонӕй фондз рахызтысты ивгъуыд азӕй. Зӕгъойты Эдуард йӕ раныхасы банысан кодта,
Леуахийы сӕрты ног хидыл куыст кӕй цӕуы фундаментыл, объектыл архайынц 8 адӕймаджы ӕмӕ техникӕйы 4 иуӕджы.
Джуссойты Константин æмæ Дмитрий Патрушев æрдзырдтой Мæскуыйы аграрон комплексы фарстытыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.02.2023
Джуссойты Константин æмæ Дмитрий Патрушев æрдзырдтой Мæскуыйы аграрон комплексы фарстытыл
"Ивгъуыд азӕй ма нӕм баззад 18-фатерон хӕдзар Знауыры поселочы, кӕцыйыл уагъд цӕуынц цӕттӕкӕнынадон куыстытӕ. Объект "Ерцъо-Синагур"-ы куыстытӕ ӕрурӕдтой ӕвзӕр боныгъӕды аххосӕй. Дзауы районы Мзиугомы лагеры та уагъд цӕуынц мидӕггагон куыстытӕ. Аразджытӕ архайынц хъармгӕнӕн ифтонггарзӕй, цӕмӕй куыстытӕ фӕтагъддӕр кӕной. Кӕронбӕттӕн этапыл сты куыстытӕ Ирӕтты уынгыл 75-фатерон хӕдзары", - радзырдта министр.
Рабадты кӕрон Джуссойты Константин банысан кодта, ацы ӕмбырды хайадисджытӕ иууылдӕр кӕй хӕссынц ӕмхуызон бӕрндзинад 2023 азмӕ Инвестпрограммӕйы ӕнтыстджын реализацийы фӕдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0