Коцты Марина радзырдта Хуссар Иры эпидемиологон уавæры тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянКоцты Марина.
Коцты Марина. - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацы аз КРВИ æмæ гриппæй рынчынкæнынад фæкъаддæр. Уый тыххæй Sputnik радзырдта республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, КРВИ æмæ гриппæй рынчынкæнынад уыд бæрзонд æмвæзадыл ацы аз январæй фæстæмæ.
"Чысыл рæзт уыд фæстаг цалдæр къуырийы дæргъы. Фæлæ ацы къуыри мах уынæм, процесс кæй фæурæдта. Бакæсæм, куыд уыдзæн æввахс бонты. Гæнæн ис æмæ республикæйы КРВИ æмæ гриппæй рынчынкæнынады уавæр суа стабилон", - загъта уый.
Карантин  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.02.2023
Цӕгат Иры ахуырадон уагдӕтты бакӕндзысты карантин
Коцты Марина банысан кодта, Югосетпотребнадзор дарддæр йæ хъус кæй дары республикæйы скъолатæ æмæ скъолайы агъоммæ уагдæтты уавæрмæ.
"Ныртæккæ нæм 18 февралы онг æхгæд сты æхсæзæм сабидон, дыууæ къласы дыккæгæм скъолайы, дыууæ къласы та дыууадæсæм скъолайы. 20 февралы онг æхгæд у цыппæрæм сабидон, 22 февралы онг та иу къорд æвдæм сабидоны, 25 февралы онг æхгæд сты дыууæ къласы фарастæм скъолайы, афтæ ма æнæхъæнæй сæхгæдтой Дменис æмæ Хъорнисы скъолатæ", - бахахх кодта сæйраг санитарон дохтыр.
Югосетпотребнадзоры сæргълæууæг фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны эпидемиологон уавæр кæй у стабилон æмæ карантин бакæнын нæ хъæуы.
Ног хабӕртты лентӕ
0