Цæгат Иры чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн æххуысæн рахицæн кæндзысты 307 милуан сомы

© Sputnik / Alexey Kudenko /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Иры чысыд æмæ астæуккаг бизнесæн æххуысæн рахицæн кæндзысты 307 милуан сомы
Цæгат Иры чысыд æмæ астæуккаг бизнесæн æххуысæн рахицæн кæндзысты 307 милуан сомы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 фев - Sputnik. Цæгат Ирыстоны 2023 азы чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады райрæзтæн рахицæн кæндзысты 307 милуан сомы. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæйы министрты кабинеты рабадты фæстиуæгæн.

"2023 азы программæйы финанскæнынад æдæппæт рацæудзæн 307,4 милуан сомы. Фæрæзтæ нысангонд сты центр "Мæ бизнес"-ы профилон мадзæлтты реализацийæн, экспортон архайды райрæзтæн, чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъекттæн грантон æххуысæн æмæ æндæр мадзæлттæн", - дзырдæуы хъусинаджы.

Республикæ бахаудта субъектты нымæцмæ, кæцытæ райстой ахæм грантон æххуыс федералон бюджетæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0