Цхинвалы районы артисттӕ сарӕзтой концерт медико-социалон центры цӕрджытӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Медико-социалон центр
Медико-социалон центр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 фев — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы районы культурӕйы дӕлхайады артисттӕ сарӕзтой чысыл концерт медико-социалон центры цӕрджытӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны ПТРК "Ир".
Районы культурӕйы дӕлхайады хистӕры хӕдивӕг Чертхъоты Далийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм фембӕлдтӕ центры цӕрджытимӕ ныридӕгӕн сты традици.
Артисттӕ бавдыстой хиирхӕфсӕн программӕ ӕмӕ ӕрывӕрдтой центры цӕрджытӕн бӕрӕгбонон фынг.

"Куы сын азарӕм, уӕд сын барухс кӕнӕм уымӕй сӕ бон. Ӕрмӕст уый тыххӕй дӕр хъӕуы ардӕм цӕуын", - бафтыдта Хуссар Ирыстон, Абхаз ӕмӕ РЦИ-Аланийы сгуыхт артисткӕ Саппиаты Зӕлинӕ.

Медико-социалон центры цӕрджытӕн тынг ӕхсызгон уыд уазджыты ӕрбацыд, уыдон семӕ зӕрдиагӕй кафыдысты ӕмӕ зарыдысты.
Ног хабӕртты лентӕ
0