Дзæуджыхъæуы фæзындзæн цыртдзæвæн Ирыстоны рухстауджытæн

© Sputnik / Антон ПодгайкоДзæуджыхъæуы фæзындзæн цыртдзæвæн Ирыстоны рухстауджытæн
Дзæуджыхъæуы фæзындзæн цыртдзæвæн Ирыстоны рухстауджытæн  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik. Дзæуджыхъæуы нывгæнджыты Цæдисы ацыд Ирыстоны рухстауджытæн цыртдзæвæн саразыны оргкомитеты фыццаг рабадт. Уый тыххæй дзырдæуы Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг епархийы хъусынгæнинаджы.

"Ахæм хъæппæрисимæ рацыдысты рæсткадон меценаттæ. Сæ хъуыдыимæ сразы ис æмæ йыл раарфæ кодта Дзæуджыхъæуы æмæ Аланийы архиепископ Герасим", - дзырдæуы хъусынгæнинаджы.

Ныхасы рæстæджы оргкомитет æркаст цæттæ кæныны организацион мадзæлтты лыстæг фарстытæм, историон бæрæггæнæнтæм, афтæ ма конкурсы сфæлдыстадон хаймæ.
Хъусын кæнынц, рабадтмæ кæй æрбахуыдтой регионы нывгæнджытæ æмæ скульпторты, Æхсæнадон палатæ æмæ архивон службæйы минæвæрттæ, культурæйы министрад, горæты администраци, историктæ æмæ зонадон архайджыты.
Ног хабӕртты лентӕ
0