Дзæуждыхъæуы туристтæн сараздзысты информацион стендтæ æмæ фотозонæтæ

© Sputnik / Natalia AiriyanДзæуждыхъæуы туристтæн сараздзысты информацион стендтæ æмæ фотозонæтæ
Дзæуждыхъæуы туристтæн сараздзысты информацион стендтæ æмæ фотозонæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстоны Дзæуджыхъæуы администрацийы æмæ туризмы комитетæн æнæмæнгæй хъæуы бацæттæ кæнын Сабырдзинады проспекты райрæзты проект æмæ горæты сæйраг бынæттæ туристтæн. Æмбæлон барамынд радта Сергей Меняйло хицауады аппараты æмбырды фæстиуæгæн. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
"Уыимæ иумæ, цæмæй рагхыгъд бакæнæм нырыккон инфраструктурæ туристтæн саразынæн: фотозонæтæ, навигатортæ, информацион стендтæ æмæ афтæ дарддæр", - банысан кодта Меняйло.
Афтæ ма Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг бахæс кодта æмбæлон бавдыст бацæттæ кæнын Дзæуджыхъæуы центры райрæзтæн æмæ барвитын Уæрæсейы Экономикæйы райрæзты Министрадмæ, уымæн æмæ Ростуризмы фарстатæ уыдонмæ хауынц.
Ног хабӕртты лентӕ
0