Транскамыл ивгъуыд суткæйы дæргъы æрцыд цалдæр зæйы – Хуссар Иры УУМ

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) кусджытæ æмæ фæндагон службæтæ аиуварс кодтой Бæгъиаты цы зæй æрцыд, уый фæстиуджытæ. УУМ радгæсон хайады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй зæй бахъыгдардта хæдтулгæ пассажиртимæ.
"Нæ ирвæзынгæнджытæ ацыдысты цауы бынатмæ. Уыдон райстой хæдтулгæ, цауы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй. Ацы фадыгыл ма æрцыд ноджы цалдæр чысыл зæйы, кæцытæ бафснайдтой фæндагон службæты кусджытæ", - банысан кодтой радгæсон хайады.
УУМ бахахх кодтой, Ручъы тоннель æмæ фыццаг галерейы хсæн знон æрцыд егъау зæй. Фæндагон службæтæ бавнæлдтой куыстмæ дыццæджы райсом.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Трассӕ хӕххон бынӕтты кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ йӕ куыстыл цӕхгӕр ӕндавы боныгъӕд.
Ног хабӕртты лентӕ
0