Тыхджын дымгæйы аххосæй авари æрцыд электроифтонгады хаххыл Цхинвалы районы

© Sputnik / Natalia AiriyanЭлектроифтонгады хахх
Электроифтонгады хахх - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы радтой электроэнерги, кæцы урæд æрцыд знон изæры аварийы аххосæй. Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс Хуссар Ирыстоны" куыд радзырдтой, афтæмæй электроэнерги ахицæн тыхджын дымгæйы аххосæй.
"Æхсæвы горæты ахицæн иу хахх æмæ нæ рухсæй уыд Цхинвалы район. Электроифтонгад горæты сцалцæг кодтой æхсæвы. Районы хъæутæ та баиу кодтой райсомæй. Нæ кусджытæ ныр кусынц, цæмæй радтой рухс Тъбет æмæ Уанаты хъæутæм", - банысан кодтой уагдоны.
Хуссар Ирыстонмæ электроэнерги иууылдæр цæуы Уæрæсейæ 110 КВт электрондыхы хаххыл "Зæрæмæг-Цæгаттаг портал-Дзау".
Ног хабӕртты лентӕ
0