Дзæуджыхъæуы ацыд 2023 азы конкурс "Ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæг"

© Photo : Телеграм-канал министра образования и науки РСО-АДзæуджыхъæуы ацыди 2023 азы конкурс "Ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæг"
Дзæуджыхъæуы ацыди 2023 азы конкурс Ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстоны хатдзæгтæ скодтой республикон конкурс "Ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæг"-ы фæстиуджытæн. Дзæуджæхъæуы скъола №7 педагог Габуты Марина нымад æрцыд мадæлон æвзаджы хуыздæр ахуыргæнæгыл.

"Абон, мадæлон æвзаджы Æхсæнадæмон боны, мах хатдзæгтæ скодтам республикон профессионалон конкурс "Ирон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæг"-æн. Фæнды мæ раарфæ кæнын ацы педагогтæн – æрмæст лауреаттæн нæ, фæлæ хайадисджæн се ᾿ппæтæн дæр", - ныффыста йæ Telegram-каналы Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ зонады министр Алибекты Элла.

Дыккаг бынат адих кодтой Æмбалаты Валерия Беслæны №6 скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг æмæ Габеты Залина, Сурх-дигорайы хъæуы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.
Æртыккаг бынат бацахстой Брытъиаты Маргарита, Дзæуджыхъæуы ААС №46 ахуыргæнæг, Куыдзеты Анжела, Уæллаг Фиагдоны хъæуы скъолайы ахуыргæнæг, Гобозты Екатерина, Дзæуджыхъæуы ААС № 41 ахуыргæнæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0