Хуссар Иры фадыгон инспектортæ æрныхас кодтой республикæйы цæрджытимæ актуалон проблемæтыл

© МВД РЮОХуссар Иры фадыгон инспектортæ æрныхас кодтой республикæйы цæрджытимæ актуалон проблемæтыл
Хуссар Иры фадыгон инспектортæ æрныхас кодтой республикæйы цæрджытимæ актуалон проблемæтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ кусджытæ хыгъд радтой Цхинвалы æмæ республикæйы районты цæрджыты раз 2022 азы оперативон-кусæгон архайды фæстиуджыты тыххæй. Уый тыххæй хъусын кæны уагдоны прессс-службæ.

"Инспектортæ радзырдтой криминогенон уавæр сæ дæлбар территоритыл, афтæ ма мидхъуыддæгты органты куысджытæ цы мадзæлттæ уадзынц фыдракæндтæ æмæ фæткхæлдтæ ма руадзыны тыххæй, уыдоныл", - дзырдæуы хъусинаджы.

Фембæлдты рæстæджы инспектортæ æрныхас кодтой цæрджытæн актуалон проблемæтыл.
Азы дæргъы милицæйæгтæ уагътой рейдтæ республикæйы цæрджыты улæфыны бынæтты, систематиконæй сгæрстой раздæр тæрхонгод чи уыд, ахæм æмбæстæгты сæ цæрыны бынатмæ гæсгæ, уагътой профилактикон ныхас скъоладзаутимæ, республикæйы мадзæлтты рæстæджы ифтонг кодтой æхсæнадон фæткæвæрды хъахъхъæнын.
МХМ пресс-службæйы банысан кодтой, инспектортæ ма кæй ауагътой æмбарынгæнæн куыст цæрджытимæ зынгсивæрзты æдасдзинады фæтктæ æххæст кæныны фæдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0