Хуссар Иры Кадетты скъолайы ацыд мадзал 23 февралмæ

© Пресс-служба МО РЮОХуссар Ирыстоны Кадетты скъолайы ацыди мадзал 23 февралмæ
Хуссар Ирыстоны Кадетты скъолайы ацыди мадзал 23 февралмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады Министрады Кадетты скъолайы ацыд мадзал Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн. Уый тыххæй хъусын кæны хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.
Арфæйы ныхасимæ рахызт сæрмагонд скондимæ куысты фæдыл хайады сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Джиоты Михаил.

"Арфæ кæнын алкæмæндæр, кæмæ хауы ацы бæрæгбон, мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, хорздзинад æмæ царды æнтыстытæ. Уадз æмæ нæ рæзгæ фæлтæр макуыуал базона хæст цы у, уый!", - загъта уый.

Мадзалы фæуды чызджытæ лæвæрттæ скодтой сæ æмкълассæгтæн.
Уагдоны банысан кодтой, рæзгæ фæлтæры хæстон-патриотикон хъомыладæн кæй дæттынц фыццаг бынат Кадетты скъолайы ахуырадон-хъомылгæнæн процессы.
Ног хабӕртты лентӕ
0