Къуыдаргомы митуард фехæлдта фæндагон бастдзинад хъæутимæ

© Photo : Администрация г. КвайсаКъуыдаргомы митуард фехæлдта фæндагон бастдзинад хъæутимæ
Къуыдаргомы митуард фехæлдта фæндагон бастдзинад хъæутимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны горæт Къуайсайы фæстаг суткæйы дæргъы æруарыд метрæй фылдæр бæрзæндæн мит. Горæты администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Алан куыд фехъусын кодта Sputnik, афтæмæй комы хъæутæ иууылдæр бахаудтой миты ахæсты.
"Тыхджын митуард нæ лæууы. Æруарыд 1,2-1,4 метры мит. Ахæм мит нæм нæ уарыд фæстаг дæс азы дæргъы", - радзырдта Хуыгаты Алан.
Мэр бафтыдта, зæгъгæ, мит æфснайыны куыстыты архайынц техникæйы æртæ иуæджы.
"Нæ кусджытæ архайынц сæхи тыхтæй. Нывæндæм æрбаздахын уæлæмхасæн æххуырст техникæ. Абон ссыгъдæг кæндзыстæм фæндæгтæ хъæутæм – Хæрдысæр, Æхсарджын, Мæсыгват æмæ Фæзы хъæу", - бахахх кодта Хуыгаты Алан.
Ног хабӕртты лентӕ
0