УУМ радзырдтой Транскамыл уавæры тыххæй

© Sputnik / Элина ГабараеваТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik, Гæбæраты Элина. Митуардмæ æнæкæсгæйæ Транскавказаг автомагистраль кусы хуымæтæг режимы, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ).
"Æхсæвмæ æруарыд 20 см мит. Ныр дæр уары мит, фæлæ транспорты змæлд нæ хъыгдары", - банысан кодтой уагдоны.
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн фæндагон бастдзинад уый размæ æрурæдтой. Транскам бакодтой дыццæджы 18.30 сахатыл.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Трассӕ хӕххон бынӕтты кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ йӕ куыстыл цӕхгӕр ӕндавы боныгъӕд.
Ног хабӕртты лентӕ
0