https://sputnik-ossetia.com/20230223/veterinari-m-fos-daryny-ftkdaruaty-srgluug-tedety-atsmz-khuynizy-tykhkhy-21632667.html
Ветеринари æмæ фос дарыны фæткдаруаты сæргълæууæг Тедеты Ацæмæз хуынизы тыххæй
Ветеринари æмæ фос дарыны фæткдаруаты сæргълæууæг Тедеты Ацæмæз хуынизы тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны хуынизы развæлгъау хибахизыны мадзæлттæ хъæуы саразын. Уый тыххæй Sputnik бæстонæй радзырдта Хъæууон хæдзарад министрады Ветеринари æмæ фос... 23.02.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-02-23T12:17+0300
2023-02-23T12:17+0300
2023-02-23T12:17+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
хъӕууон хӕдзарад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/16/21632504_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_63fd302e61d40e227e95dc2e19f31a71.jpg
Ветеринари æмæ фос дарыны фæткдаруаты сæргълæууæг Тедеты Ацæмæз хуынизы тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ветеринари æмæ фос дарыны фæткдаруаты сæргълæууæг Тедеты Ацæмæз хуынизы тыххæй
Хуссар Ирыстоны хуынизы развæлгъау хибахизыны мадзæлттæ хъæуы саразын. Уый тыххæй Sputnik бæстонæй радзырдта Хъæууон хæдзарад министрады Ветеринари æмæ фос дарыны фæткдаруаты сæргълæууæг Тедеты Ацæмæз.Куыд банысан кодта фæткдаруаты сæргълæууæг, афтæмæй хуынизы сезон нæй, æмбæлы æрвылаз дæр, хъæуы уадзын дезинфекци æмæ дæттын хæринаг фыхæй."Низ кæм уыд, уыцы рæтты мах сарæзтам дезинфекци. Кæд ма искæй фæнды ферма æмæ скъæттæ сдезинфекци кæнын, уæд фæдзурæд ветеринарон службæмæ æмæ уæм фæкæсдзысты", - бамбарын кодта ныхасæмбал.Тедеты Ацæмæз ма бафтыдта, кæй сараздзысты вакцинатæ дæр классикон емынæ, рожæйæ. Хуы куы амæла, уæддæр хъæуы ветеринарон службæмæ фæдзурын, цæмæй йæ сбæрæг кæной африкæйаг емынæ у æви нæ."Курæг стæм хъæуты цæрджытæй, сæ хуыты æддæмæ ма уадзой, цæмæй низ ма апарахат уа." - бахатыд эксперт.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/16/21632504_157:0:2888:2048_1920x0_80_0_0_cdfb6c62a27bc85c475ea072689756ea.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудио, хъӕууон хӕдзарад
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудио, хъӕууон хӕдзарад
Хуссар Ирыстоны хуынизы развæлгъау хибахизыны мадзæлттæ хъæуы саразын. Уый тыххæй Sputnik бæстонæй радзырдта Хъæууон хæдзарад министрады Ветеринари æмæ фос дарыны фæткдаруаты сæргълæууæг Тедеты Ацæмæз.
Куыд банысан кодта фæткдаруаты сæргълæууæг, афтæмæй хуынизы сезон нæй, æмбæлы æрвылаз дæр, хъæуы уадзын дезинфекци æмæ дæттын хæринаг фыхæй.
"Низ кæм уыд, уыцы рæтты мах сарæзтам дезинфекци. Кæд ма искæй фæнды ферма æмæ скъæттæ сдезинфекци кæнын, уæд фæдзурæд ветеринарон службæмæ æмæ уæм фæкæсдзысты", - бамбарын кодта ныхасæмбал.
Тедеты Ацæмæз ма бафтыдта, кæй сараздзысты вакцинатæ дæр классикон емынæ, рожæйæ. Хуы куы амæла, уæддæр хъæуы ветеринарон службæмæ фæдзурын, цæмæй йæ сбæрæг кæной африкæйаг емынæ у æви нæ.
"Курæг стæм хъæуты цæрджытæй, сæ хуыты æддæмæ ма уадзой, цæмæй низ ма апарахат уа." - бахатыд эксперт.