Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

38. НАЛХЪУЫТÆ

38. НАЛХЪУЫТÆ
Рафыссын
Фæхудинаг Солым. Худинаг та ахæм у, æмæ йыл къуыппæнзарæг скæндзысты райсом. Æмæ цалынмæ хъуыддаг нæ ныхъхъæр, уæдмæ йæ мæт хъуамæ райса. Ныффæнд кодта: тæккæ абон аскъæфдзæн чызджы, фæхындæылæг дзы кæндзæн æмæ йæ худинаджы зарæджы къубалыл ныххæцдзæн уымæй. Фæлæ уал базона, чызг чи у, кæцон у. Æмæ йын ам кæд уый фадат нæ фæуа, уæд фæндагыл бабаддзæн йæ размæ... Адæмы ’хсæн æй агурын райдыдта. Барджытæ сæ бæх­тыл кæм хъазыдысты, уыцырдæм йæхи байста, æнæнхъæлæджы фембæлд чызгыл. Йæ мæт аныхъуырдта æмæ йæм хæстæг бацыд.
— Хорз чызг, бахатыр кæн, кæд гæнæн ис, ныхасæн мæ хъæуыс, — сабыргай йын загъта.
Налхъуытæ иуырдæм фæкаст. Солымы фенгæйæ, йæ цæсгом цыдæр æнахуыр тар аци. Æнæхъуаджы йæ нæ агуры ныхасмæ. Цæстæнгасæй адæмы ’хсæн ацагуырдта йе ’фсымæр Булатыхъойы, фæлæ Булатыхъо йæхи бæхыл хъазынмæ цæттæ кæны æмæ уым æввахс нæ зыны.
— Чызг, дæумæ дзурын, ма тæрс, — ногæй та ауадис йæ хъустыл æмæ уæд йæхи нал басаста:
— Цы хабар у, хорз лæг, дæ масты фæдыл мæ кæд нæ агурыс? — йæ къæйных фарст фæраздæр.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0