Уæрæсейы æфсæдтæ фехстой УГТ сæрмагонд операциты оперативон центр "Ныгуылæн"

© Пресс-служба Минобороны РФ /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы æфсæдтæ
Уæрæсейы æфсæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik. Уæрæсейы æфсад дарддæр æхсы Украинæйы Гарзджын тыхты (УГТ) фæткдаруаты пункттæ. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрад.
Киевы областы скуынæг кодтой УГТ радиоэлектронон разысгæрсты центр, афтæ ма горæт Хмельницкийы районы скуынæг кодтой сæрмагонд операциты оперативон центр "Ныгуылæн".
Уымæй дарддæр ма уæрæсейаг тыхтæ скуынæг кодтой зенитон ракетон комплекс "Бук-М1" æмæ уæлдæфон нысæнттæ агурыны радиолокацион станц 36Д6.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 390 хӕдтӕхӕджы, 211 вертолеты, 3248 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 406 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 8058 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 1045 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 4228 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 8574 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0