https://sputnik-ossetia.com/20230228/39bulatykhoyy-mast-21676855.html
39. БУЛАТЫХЪОЙЫ МАСТ
39. БУЛАТЫХЪОЙЫ МАСТ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Хæсанæ йæ къух раджы ауыгъта, зæнæг ма йын уыдзæн, уыцы хъуыддагыл. Æнхъæлмæ дæр нал каст. Фæлæ дын мæнæ Хæсанæйы фынæй амонд райхъал. Иу изæр фæлладæй... 28.02.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-02-28T14:50+0300
2023-02-28T14:50+0300
2023-02-28T14:50+0300
гъе-мардзæ, исчи!
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/1b/21676680_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_a19590c42e9622dc93fb3bf19e2d2d73.png
39. БУЛАТЫХЪОЙЫ МАСТ
Sputnik Хуссар Ирыстон
39. БУЛАТЫХЪОЙЫ МАСТ
Хæсанæ йæ къух раджы ауыгъта, зæнæг ма йын уыдзæн, уыцы хъуыддагыл. Æнхъæлмæ дæр нал каст. Фæлæ дын мæнæ Хæсанæйы фынæй амонд райхъал. Иу изæр фæлладæй æрыздæхти йæ куыстæй. Зæринæ, хурау худгæ, рауади йæ размæ.— Не ’фсин, цыдæр хорз ныл æрцыд, æгæр хъæлдзæг дæ абон? — Хæсанæ цымыдисæй афарста Зæринæйы.— Æрцыд, Хæса, æрцыд, — йæ цæсгом, хурау, худти усæн æмæ-иу иу хатт, æвзонг ма куы уыдысты, уæд куыд кодта, афтæ ныр дæр йæ мойы æфцæгыл атыхст æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: — Тагъд нæ хæдзары фæзындзæни саби.— Цæй саби? — нæ бамбæрста лæг.— Махæн, Хæса, махæн, — ус йæ риумæ тынгдæр балхъывта йæ лæджы.— Махæн? Цытæ мын дзурыс, Зæринæ? — нæ баууæндыдис Хæсанæ. — Кæд, мыййаг...— Нæ, нæ, мæхæдæг дæр не ’ууæндыдтæн, фæлæ абон стæлфыди, мæнæ ам... Фæрдыгæн дæр æй радзырдтон.— О, стыр Хуыцау, табу дæхицæн!.. Æвæццæгæн дæм фехъуыстис мæ лæгъстæ! Зæринæ, ме ’фсин, уый мын цард куы радтай, — Хæсанæ йæ хъæбысы фелвæста Зæринæйы æмæ йæ, чысыл сабиау, йæ фидар æртты бахаста хæдзармæ.Æхсæв-бонмæ нæ бафынæй сты ус æмæ лæг.Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/1b/21676680_30:0:1113:812_1920x0_80_0_0_accb4b28bdb69ac63c133144eed111ca.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
Хæсанæ йæ къух раджы ауыгъта, зæнæг ма йын уыдзæн, уыцы хъуыддагыл. Æнхъæлмæ дæр нал каст. Фæлæ дын мæнæ Хæсанæйы фынæй амонд райхъал. Иу изæр фæлладæй æрыздæхти йæ куыстæй. Зæринæ, хурау худгæ, рауади йæ размæ.
— Не ’фсин, цыдæр хорз ныл æрцыд, æгæр хъæлдзæг дæ абон? — Хæсанæ цымыдисæй афарста Зæринæйы.
— Æрцыд, Хæса, æрцыд, — йæ цæсгом, хурау, худти усæн æмæ-иу иу хатт, æвзонг ма куы уыдысты, уæд куыд кодта, афтæ ныр дæр йæ мойы æфцæгыл атыхст æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: — Тагъд нæ хæдзары фæзындзæни саби.
— Цæй саби? — нæ бамбæрста лæг.
— Махæн, Хæса, махæн, — ус йæ риумæ тынгдæр балхъывта йæ лæджы.
— Махæн? Цытæ мын дзурыс, Зæринæ? — нæ баууæндыдис Хæсанæ. — Кæд, мыййаг...
— Нæ, нæ, мæхæдæг дæр не ’ууæндыдтæн, фæлæ абон стæлфыди, мæнæ ам... Фæрдыгæн дæр æй радзырдтон.
— О, стыр Хуыцау, табу дæхицæн!.. Æвæццæгæн дæм фехъуыстис мæ лæгъстæ! Зæринæ, ме ’фсин, уый мын цард куы радтай, — Хæсанæ йæ хъæбысы фелвæста Зæринæйы æмæ йæ, чысыл сабиау, йæ фидар æртты бахаста хæдзармæ.
Æхсæв-бонмæ нæ бафынæй сты ус æмæ лæг.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.