Барадхъахъхъæнджытæ баурæдтой Дзæуджыхъæуы цæрæджы наркотиктимæ

© Photo : Пресс-служба МВД РФ по РСО-АБарадхъахъхъæнджытæ баурæдтой Дзæуджыхъæуы цæрæджы наркотиктимæ
Барадхъахъхъæнджытæ баурæдтой Дзæуджыхъæуы цæрæджы наркотиктимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстоны Горæтгæройнаг районы барадхъахъхъæнджытæ баурæдтой Дзæуджыхъæуы цæрæджы наркотикон буарад "мефедрон"-имæ, хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Столицæйы цæрæджы баурæдтой Ногиры хъæууы уынгтæй иуыл. Сæрмагонд басгæрсты рæстæджы зæрдæмæхсайгæйы уæлæдарæсы дзыппыты ссардæуыд наркотикон буарад "мефедрон", æнæконтактон хуызы йæ хъуамæ ауæй кодтаид.
Синтетикон буарады бæрц уыди 13 граммæй фылдæр, 65 иухаттон дозæ саразыны фаг.
Уагдонады бафтыдтой, уголовон хъуыддаг кæй бакодтой, нæлгоймагмæ æнхъæлмæ кæсы 15 азы ахæстоны сбадыны æмгъуыд.
Ног хабӕртты лентӕ
0