Хуссар Иры МХМ кусджытæн фæфылдæр кæндзысты сæ мызд

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ МХМ
РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) кусджытæ æввахс рæстæджы райсдзысты фæфылдæргонд мызд, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Мыздтæ фæфылдæр уыдзысты республикæйы мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валерий æмæ уæрæсейаг мидхъуыддæгты министры хæдивæг Игорь Зубовы фембæлды руаджы Мæскуыйы.
"Гæззаты Валерий æмæ Игорь Зубов бафыстой пролонгацийы протокол Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн Бадзырдмæ, кæцымæ гæсгæ этаптæй фылдæр кæндзæн республикæйы мидхъуыддæгты органты кусджыты материалон-техникон ифтонгкæнынад, æхцайы фæрæзтæ æмæ социалон гарантитæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Протоколмæ гæсгæ МХМ кусджыты мыздтæ зынгæ фæфылдæр уыдзысты.
Барадхъахъхъæнæг органы бафтыдтой, зæгъгæ, министрады кусджытæ мыздты фæлхыгъд райсдзысты 2023 азы 1 январæй фæстæмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0