Цхинвалы æрцыд æхст: иу адæймаг амард, цæфтæ райста сывæллон

© SputnikЦхинвалы æрцыд æхст
Цхинвалы æрцыд æхст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.02.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы дыццæджы бонæй æрцыд æхст, уый фæстиуæгæн амард республикæйы цæрæг, хъусын кæны РХИ Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Цау æрцыд 12.05 сахатыл Харебаты Исахъы уынгыл (дзулфыцæн комбинаты цур) – æбæрæг гоймаг фехста Цхинвалы цæрæджы, кæцы райсгæ цæфтæй фæмард. Æхсты фæстиуæгæн цæфтæ райста фондзаздзыд сывæллон – уый бакодтой Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ.
Фыдгæнæг барвæндонæй йæхи радта барадхъахъхъæнæг органтæм. Развæлгъау информацимæ гæсгæ, нæлгоймæгты æхсæн хъаугъа æрцыд хисæрмагонд ахастыты бындурыл.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, ныртæккæ уагъд цæуынц æнæмæнгхъæугæ оперативон-сгарæн мадзæлттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0