https://sputnik-ossetia.com/20230301/41-khsrtdzhy-tsuan-21678293.html
41. ÆХСÆРТÆДЖЫ ЦУАН
41. ÆХСÆРТÆДЖЫ ЦУАН
Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг кæркуасæнты йæ хуыссæн уатæй фæгæпп кодта Æхсæртæг, йæ дзаумæттæ тагъд-тагъд акодта, иуæхстон къулæй æриста, бинонтæн, цуаны цæуын, зæгъгæ, загъта æмæ... 01.03.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-03-01T17:55+0300
2023-03-01T17:55+0300
2023-03-01T17:55+0300
гъе-мардзæ, исчи!
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/1b/21678034_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_16a2e8d8f0c3e1b840e31dd1641b6ef6.png
41. ÆХСÆРТÆДЖЫ ЦУАН
Sputnik Хуссар Ирыстон
41. ÆХСÆРТÆДЖЫ ЦУАН
Фыццаг кæркуасæнты йæ хуыссæн уатæй фæгæпп кодта Æхсæртæг, йæ дзаумæттæ тагъд-тагъд акодта, иуæхстон къулæй æриста, бинонтæн, цуаны цæуын, зæгъгæ, загъта æмæ йæ ных сарæзта Тызмæг хохы ’рдæм. Уым цъититы хъæбысы сæрдыгон тæвд бонты сычъитæ арæх вæййы. Фæссихæрттæм фæцуан кодта, сырдыл не сæмбæлд. Хур арвыл фæкъул, афтæ иу ран сычъиты цъитийы фæзгъæрыл суыдта, æхсты бæрцмæ сæм схъуызыд. Ныхъхъавыд. Гæрах фæцыд æмæ сычъигæй сæ иу фæстийæ аззад, иннæтæ таппызары хай æрбаисты. Сæккой кодта сычъийы æмæ изæрдалынгты Уæлвæзы хъæумæ æрхæццæ. Хъæугæрон иу лæджы бафарста: Цомайты Дзабег кæм цæры, зæгъгæ. Лæг æнахуыр цуаноны æккой сычъийы мард куы федта, уæд ыл, цыма, дунейы хорз æрцыд, ахæм цин бакодта.— Цæргæ уæртæ уым кæны, фæлæ сæм хъыхъхъаг куыйтæ ис, демæ ацæуон, æндæра дын Æфсати цы кусæрттаг ныллæвар кодта, уый де ’ккойæ æрисдзысты.Æхсæртæджы нæ фæндыд, хъæубæстæй йæ нырма исчи базыдтаид, уый. Йе ’хсæв дæр барæй æрхаста хъæумæ. Лæгæн зæгъынмæ хъавыд, ма хъиамæт кæн, зæгъгæ, фæлæ уæдмæ уый ныббызырттæг йæ разæй æмæ ма уæд уымæн дæр цы гæнæн уыд. Хъæууынгты бауадысты, стæй лæг иу хæдзары кæрты дуары цур æрлæууыд æмæ мидæмæ бахъæр кодта:— Гъе, Дзабег, мæнæ дæм уазæг æрбакодтон, æддæмæ ракæс!Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/1b/21678034_27:0:1110:812_1920x0_80_0_0_f2898700c75b082ea70f3274aa6ab152.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
Фыццаг кæркуасæнты йæ хуыссæн уатæй фæгæпп кодта Æхсæртæг, йæ дзаумæттæ тагъд-тагъд акодта, иуæхстон къулæй æриста, бинонтæн, цуаны цæуын, зæгъгæ, загъта æмæ йæ ных сарæзта Тызмæг хохы ’рдæм. Уым цъититы хъæбысы сæрдыгон тæвд бонты сычъитæ арæх вæййы. Фæссихæрттæм фæцуан кодта, сырдыл не сæмбæлд. Хур арвыл фæкъул, афтæ иу ран сычъиты цъитийы фæзгъæрыл суыдта, æхсты бæрцмæ сæм схъуызыд. Ныхъхъавыд. Гæрах фæцыд æмæ сычъигæй сæ иу фæстийæ аззад, иннæтæ таппызары хай æрбаисты. Сæккой кодта сычъийы æмæ изæрдалынгты Уæлвæзы хъæумæ æрхæццæ. Хъæугæрон иу лæджы бафарста: Цомайты Дзабег кæм цæры, зæгъгæ. Лæг æнахуыр цуаноны æккой сычъийы мард куы федта, уæд ыл, цыма, дунейы хорз æрцыд, ахæм цин бакодта.
— Цæргæ уæртæ уым кæны, фæлæ сæм хъыхъхъаг куыйтæ ис, демæ ацæуон, æндæра дын Æфсати цы кусæрттаг ныллæвар кодта, уый де ’ккойæ æрисдзысты.
Æхсæртæджы нæ фæндыд, хъæубæстæй йæ нырма исчи базыдтаид, уый. Йе ’хсæв дæр барæй æрхаста хъæумæ. Лæгæн зæгъынмæ хъавыд, ма хъиамæт кæн, зæгъгæ, фæлæ уæдмæ уый ныббызырттæг йæ разæй æмæ ма уæд уымæн дæр цы гæнæн уыд. Хъæууынгты бауадысты, стæй лæг иу хæдзары кæрты дуары цур æрлæууыд æмæ мидæмæ бахъæр кодта:
— Гъе, Дзабег, мæнæ дæм уазæг æрбакодтон, æддæмæ ракæс!
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.