Фæндагон службæтæ сыгъдæг кæнынц Транскам знон æрцæугæ зæйтæй – Хуссар Иры УУМ

© Фото очевидцаЗæй Транскамыл
Зæй Транскамыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Фæндагон службæтæ дарддæр сыгъдæг кæнынц трассæ зæйтæй, кæцытæ знон æрцыдысты Транскамы хуссарирыстойнаг фадыгыл, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) радгæсон хайады.
"Фæндагон службæтæ бавнæлдтой куыстмæ райсом. Трассæйы алыварс хæхтыл ис бирæ мит. Куы фæхъарм уа, уæд уыдон гæнæн ис райдайой бынмæ цæуын æмæ фæндаг бахъæудзæн сæхгæнын", - радзырдта радгæсон.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Трассӕ хӕххон бынӕтты кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ йӕ куыстыл цӕхгӕр ӕндавы боныгъӕд.
Ног хабӕртты лентӕ
0