https://sputnik-ossetia.com/20230301/khussar-iry-boksert-rambyldtoy-19-khorzkhy-minvodty-turniry-21703843.html
Хуссар Иры боксертæ рамбылдтой 19 хорзæхы Минводты турниры
Хуссар Иры боксертæ рамбылдтой 19 хорзæхы Минводты турниры
ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны боксертæ æрхастой 19 майданы Минводты гом турнирæй боксæй æрыгæтты хсæн, кæцы нывонд уыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы... 01.03.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-03-01T10:01+0300
2023-03-01T10:01+0300
2023-03-01T11:24+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/840/56/8405650_0:64:1921:1144_1920x0_80_0_0_9ab037f60ed431e2e57072b469c6c9f9.jpg
ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны боксертæ æрхастой 19 майданы Минводты гом турнирæй боксæй æрыгæтты хсæн, кæцы нывонд уыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонæн, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Дзигойты Ацæмæз.Республикæйы кад хъахъхъæдтой 25 боксеры.Майдантæй дарддæр цалдæр спортсмены райстой сæрмагонд хорзæхтæ."Гæбæраты Алимы схорзæхджын кодтой сæрмагонд призæй "За лучшую технику". Ерысты "иуыл хуыздæр боксер"-ыл банымадтой Бабаты Станиславы", - бафтыдта уый.Тренеры ныхæстæм гæсгæ, ерыстæм фыццаг хатт акодтой дыууæ чызг-боксеры."Уый уыд сæ фыццаг фæлтæрддзинад, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ, райстой дыккаг бынæттæ", - банысан кодта уый.Дзигойты Ацæмæзы ныхæстæм гæсгæ, егъау командæ турнирмæ акæнынæн сын баххуыс кодтой бирæ адæм."Республикæйы президент Гаглойты Алан нын бакодта финансон æххуыс, сывæллæтты ныййарджытæ дæр æрæмбырд кодтой æхцатæ. Минводтæм фæндагыл нын дыууæ æвзонг лæппуйы радтой ноджы 15 мин сомы", - загъта Дзигойты Ацæмæз.Хуссар Ирыстоны боксерты тренертæ сты Тедеты Александр, Лолоты Александр, Котолиты Бола, Куымæридтаты Родион, Бестауты Чермен, Гæбæраты Гамлет æмæ Дзигойты Ацæмæз.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/840/56/8405650_130:0:1655:1144_1920x0_80_0_0_97e2b41058955c86d615193a502ef7d8.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны боксертæ æрхастой 19 майданы Минводты гом турнирæй боксæй æрыгæтты хсæн, кæцы нывонд уыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонæн, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Дзигойты Ацæмæз.
Республикæйы кад хъахъхъæдтой 25 боксеры.
"Хорз фæстиуæг, тренертæ райгондæй баззадысты сæ хъомылгæнинæгты ралæудæй. Æртындæс боксеры ссисты турниры уæлахиздзаутæ, ноджы æхсæз та рамбылдтой æвзист хорзæхтæ", - загъта Дзигойты Ацæмæз.
Майдантæй дарддæр цалдæр спортсмены райстой сæрмагонд хорзæхтæ.
"Гæбæраты Алимы схорзæхджын кодтой сæрмагонд призæй "За лучшую технику". Ерысты "иуыл хуыздæр боксер"-ыл банымадтой Бабаты Станиславы", - бафтыдта уый.
Тренеры ныхæстæм гæсгæ, ерыстæм фыццаг хатт акодтой дыууæ чызг-боксеры.
"Уый уыд сæ фыццаг фæлтæрддзинад, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ, райстой дыккаг бынæттæ", - банысан кодта уый.
Дзигойты Ацæмæзы ныхæстæм гæсгæ, егъау командæ турнирмæ акæнынæн сын баххуыс кодтой бирæ адæм.
"Республикæйы президент Гаглойты Алан нын бакодта финансон æххуыс, сывæллæтты ныййарджытæ дæр æрæмбырд кодтой æхцатæ. Минводтæм фæндагыл нын дыууæ æвзонг лæппуйы радтой ноджы 15 мин сомы", - загъта Дзигойты Ацæмæз.
Хуссар Ирыстоны боксерты тренертæ сты Тедеты Александр, Лолоты Александр, Котолиты Бола, Куымæридтаты Родион, Бестауты Чермен, Гæбæраты Гамлет æмæ Дзигойты Ацæмæз.