Хуссар Иры къухдариуæгад радта Гуырдзыстонæн паддзахадон арæны фехалæджы

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры арæн
Хуссар Иры арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад радта гуырдзиаг фарсмæ Лаша Хетерелийы, кæцы цалдæр хатт фехæлдта паддзахадон арæн, хъусын кæны республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæ.
Гуырдзыстоны Марнеулаг муниципалитеты Шаумян поселочы цæрæджы æрурæдтой хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнджытæ Цхинвалы хуссарварс кæрон 24 декабры 2021 азы. Æхсæзæм апрелы 2022 азы Цхинвалы райононон тæрхондон уый банымадта азымджыныл паддзахадон арæны сæрты æнæзакъонæй ахизыны тыххæй. Уымæн рахастой иу аз æмæ цыппар мæйы ахæст.
"2023 азы 28 февралы Хетерлийы ахæсты æмгъуыд фæцис, уый фæдыл æй ссæрибар кодтой æмæ радтой гуырдзиаг фарсмæ", - банысан кодтой пресс-службæйы.
Уым ма бафтыдтой, зæгъгæ, Хетерли цалдæр хатт фехæлдта республикæйы паддзахадон арæны режим æмæ йæ уый фæдыл æрбаздахтой уголовон бæрнмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0