Хуссар æмæ Цæгат Иры парламентты ᾿хсæн æрцæудзæн бадзырдты бафыст

© Sputnik / Алексей КовалевХуссар Ирыстоны æмæ Цæгат Иры парламентты ᾿хсæн æрцæудзæн æмдзырдты бафыст
Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгат Иры парламентты ᾿хсæн æрцæудзæн æмдзырдты бафыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны парламенты депутаттæ ацæугæ дыццæджы аскъуыддзаг кодтой, дыууæ паддзахады ᾿хсæн кæй бафысдзысты бадзырдтæ закъонаразæг архайды фадыджы æмгуыстады фæдыл.

"Æхсызгон мын у, бадзырд кæй бафысдзыстæм. РЦИ-Ааланийы парламент уынаффæ рахастой бафысты тыххæй, æввахсдæр сессийы аналогион уынаффæ рахæсдзыстæм мах дæр, æмæ мæ хъуыдыйы ис, тагъд рæстæджы гæххæтт кæй бафысдзыстæм", - загъта Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Æлборты Алан.

Закондæттæг органты ᾿хсæн бадзырды бафыст рагæй цæттæ кæнынц – бакуыстой йыл Хуссар Ирыстоны парламенты V æрсидты депутаттæ.
Æмдзырды документы къухбафыст фæтагъддæр кодтой ногæй равзаргæ РХИ æмæ РЦИ-Аланийы парламенты сæрдартæ Æлборты Алан æмæ Тускъаты Таймураз.
Куыд банысан кодта Æлборты Алан, афтæмæй егъау æххуыс бакодтой Хæдбар Паддзахадты Æмбалады, евразиаг интеграци æмæ æмбæстæгтимæ бастдзинæдты Паддзахадон Думæйы Комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг Тайсауты Хъазбег æмæ УФ Паддзахадон Думæйы федералон æмбырды депутат Яна Лантарова
Ног хабӕртты лентӕ
0