Коцты Алена: "Югосреестр"-мæ бадзырдтытæ фылдæр кæнынц

© Sputnik / Natalia AiriyanКоцты Алена: Югосреестрмæ бадзырдтытæ фылдæр кæнынц
Коцты Алена: Югосреестрмæ бадзырдтытæ фылдæр кæнынц - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй бадзырдтытæ республикæйы юстицийы Министрады паддзахадон регистраци, кардастр æмæ картографийы службæмæ фылдæр кæнынц. 2022 азы уыдысты 6200, уый у 521 куырдиатæй фылдæр 2021 азмæ абаргæйæ. Уый тыххæй Sputnik загъта Службæйы сæргълæууæг Коцты Алена.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Службæйы бындурон архайды фадыг у паддзахадон регистраци ауадзын æнæзмæлгæ мулкъыл бартæн æмæ бадзырдтытæн, кадастрон хыгъд æмæ куыстытæ бахынцын, техникон инвентаризаци ауадзын, афтæ ма æнæзмæлгæ мулкъæн ауадзын техникон хыгъд.

"Ацы процедурæтæй алкæцыйæн дæр хъæуы фидын. Бартæ регистраци скæнынæн исынц паддзахадон хъалон, кæцы фидаргонд æрцыд Хуссар Ирыстоны закъондæттæг органæй, уыимæ иумæ, кадастрон куыстытæ ауадзын æмæ æнæзмæлгæ мулчы информаци радтыны æмæ ууыл барты тыххæй исынц фиддон, йæ бæрц фидаргонд у хицауады барамындæй", - банысан кодта Коцты Алена.

Службæйы сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй фарон кадастрон хыгъдыл сæвæрдтой 1150 объекты æмæ капиталон амайыны 822 объекты. Афтæ ма уый бахахх кодта, республикæйы юстицийы министрады паддзахадон регистраци, кадастр, картографийы службæ 2022 аз кæй бахаста Хусссар Ирыстоны бюджетмæ 5,6 млн сомы, уый у 126 минæй фылдæр 2021 азмæ абаргæйæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0