Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

42. ÆХСÆРТÆГ БАФИДЫДТА НАЛХЪУЫТÆИМÆ

42. ÆХСÆРТÆГ БАФИТЫДТА НАЛХЪУЫТÆИМÆ
Рафыссын
Тедоты хъæуыл айхъуыст: Бесолты Æхсæртæг, дам, Габойы чызг Налхъуытæимæ бафидыдта. Чындзæхсæвы æмгъуыд, дам, Дæи- уæргуыбатæм скодтой. Уыцы хабар арвы цæфау куыннæ уыди Со- лымæн. Барсæдæы æнæфæныкæй хъал фыртæн куыд бакуымдта Габойы сæрыстыр чызг Налхъуытæ? Æппæтæн дæр æрцæуыны æнхъæл уыд, фæлæ уыцы хабарæн — никæд! Ау, чыздæы æфсымæр Булатыхъо йæ худинаджы фæстæ куыд сразы йæ хойы йæ бафхæрæгæн радтыныл? Фыццаг æй хабар нæ уырныдта, фæлæ йын куы загътой — Адзыбе æмæ йын Хæсанæ фидауджытæ уыдысты, уæд хъуыддаг бæстондæр базоныны тыххæй ацыд Адзыбейы фæрсынмæ.
Солым базыдта, Булатыхъо йæ худинаджы фæстæ йæ къух кæй систа йæ фыдыл, йæ мады ’фсымæртæм кæй фæлыгъд æмæ уым цæргæйæ кæй баззад. Фидыды хабар та æцæг у.
Солымæн йæ мæт йæ хуылфы хæлд. Чызгмæ хъавыд йæ минæвæртты барвитынмæ, фæлæ бонæй-бонмæ ныкъкъуылымпы. Куы йæ базаргæнджытимæ Чъребайы хъуыддæгтæ уыд, куы йæ фосы дзугтæ Хъызлармæ аскъæрын хъуыд æмæ сын уым хизæнуæтты фæдыл рахау-бахау кодта, стæй та йæ хосгæрдæны нæ равдæлд æмæ афтæмæй чызг аирвæзт йæ къухæй. Ныхъхъуыды кодта: цы хуызы бакъуылымпы кæна хъуыддаг æмæ йæхирдыгæй куыд фæкæна чызджы.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0