Брянскы областы æбæрæг гоймæгтæ систой амынæты цалдæр адæймаджы

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæддон
Уæрæсейаг æфсæддон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы Брянскы областы Любечане хъæуы амынæты систой цалдæр адæймаджы. Уый тыххæй хъусын кæны РИА Новости экстренон службæтыл æнцойгæнгæйæ.
"Развæлгъау информацимæ гæсгæ, цалдæр адæймаджы амынæты систой дуканийы Любечане хъæуы", - банысан кодта агентады ныхасæмбал.
Ныртæккæ бæрæг цæуынц цауы лыстæгдзинæдтæ æмæ фыдгæнджыты гоймагдзинад.
Брянскы областы 3 февралæй бакодтой террористон тæссагдзинады "бур" æмвæзад. Ахæм мадзæлтты фæлгæтты фæтыхджындæр вæййы сæрмагонд службæты куысты режим, æмбæстæгтæ хъуамæ арæхстджындæр æмæ æууыс кæной тыхон структурæтæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0