Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны ᾿хсæн арæнгæроны цæуы ИÆАМ минæвæртты фембæлд

© Sputnik / Дзерасса ТеховаХуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ᾿хсæн арæнгæроны цæуы ИРММ минæвæртты фембæлд
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ᾿хсæн арæнгæроны цæуы ИРММ минæвæртты фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik, Тъехты Дзерасса. Арæнгæрон хъæу Ергнеты цыппæрæмы райсомы ацыд 111-æм фембæлд инциденттæ ма 'руадзыны æмæ ауиварс кæныны фæдыл механизмты форматы (ИÆАМ).
Æмбырды рæстæджы хайадисджытæн рарфæ кодта Евроцæдисы миссийы сæргълæууæг Гуырдзыстоны Дмитриос Карабалис, кæцыйы æрæджы сæвæрдтой ацы бынатыл. Уый банысан кодта, ацы фембæлд ын кæй у фыццаг сæргълæууæджы бынаты æмæ бафтыдта, æхсызгон ын кæй у ОБСЕ сæрмагонд минæваримæ æмархайд кæнын форматæн.

"ИÆАМ форматæн стыр аргъ ис йæ конструктивондзинад, фæстиуджытыл баст ахаст, æмæ йын практикон æнтыстытæ кæй вæййы иууыл зындæр рæстæджыты, уый тыххæй", - загъта Карабалис.

Фембæлды фæстиуджыты тыххæй радзурдзæн хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Коцты Егор.
ИÆАМ форматы фембæлдтæ цæуынц 2009 азæй фæстæмæ. Фæстаг ахæм фембæлд ацыд 2023 азы январы.
Ног хабӕртты лентӕ
0