Хуссар Иры парламенты æрныхас кодтой æнæниздзинад хъахъхъæнынады фарстытыл

© Sputnik / Алексей КовалевХуссар Ирыстоны парламенты æрныхас кодтой æнæниздзинад хъахъхъæнынадыл фарстатыл
Хуссар Ирыстоны парламенты æрныхас кодтой æнæниздзинад хъахъхъæнынадыл фарстатыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik. Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл парламенты комитеты рабадтыл Плиты Алыксандры къухдариуæгадæй æрныхас кодтой æнæниндзинад хъахъхъæнынады актуалон фарстытыл, уыдоны ᾿хсæн медицинон кусджыты мызды фæкъаддæр.
Куыд банысан кодта æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Плиты Агуындæ, афтæмæй мызд фæкъаддæр ис, кусджыты категориты æмгъуыд кæй фæцис, ауадзгæ реформæты тыххæй та æфхæрд ничи баййæфта.

"Æнæниздзинад хъахъхъæнынады реформæтæ рагæй хъуыд ауадзын – нæ цæрджытæ нал æууæндынц дохтыртыл, æмæ уыцы хъуыды хъæуы фæивын. Уымæй дарддæр, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады кусджытæ бадтысты 3-4 штаттыл. Æмæ мах ныр фæткмæ кæнæм министрады системæйы куыст. Ивындзинæдтæ æрцæудзысты къухдариуæггæнджыты ᾿хсæн æмæ иумæйагæй медперсоналы ахасты сæ куыстмæ", - загъта Плиты Агуындæ.

Парламенты комитеты сæргълæууæг Плиты Александр бахахх кодта, æмбæрст кæй сты ауадзгæ реформæтæ, фæлæ уыдон ма хъуамæ бахъыгдарой кусджыты исбон æмæ мызд.
Ног хабӕртты лентӕ
0