https://sputnik-ossetia.com/20230303/43-nalkhuytyy-udkhrdt-21679023.html
43. НАЛХЪУЫТÆЙЫ УДХÆРДТÆ
43. НАЛХЪУЫТÆЙЫ УДХÆРДТÆ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедоты хъæуыл айхъуыст: Бесолты Æхсæртæг, дам, Габойы чызг Налхъуытæимæ бафидыдта. Чындзæхсæвы æмгъуыд, дам, Дæи- уæргуыбатæм скодтой. Уыцы хабар арвы цæфау... 03.03.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-03-03T16:50+0300
2023-03-03T16:50+0300
2023-03-03T16:50+0300
гъе-мардзæ, исчи!
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/1b/21678817_0:0:1445:812_1920x0_80_0_0_bc52f511eb20320b43c8b60b1106b7c8.png
43. НАЛХЪУЫТÆЙЫ УДХÆРДТÆ
Sputnik Хуссар Ирыстон
43. НАЛХЪУЫТÆЙЫ УДХÆРДТÆ
Тедоты хъæуыл айхъуыст: Бесолты Æхсæртæг, дам, Габойы чызг Налхъуытæимæ бафидыдта. Чындзæхсæвы æмгъуыд, дам, Дæи- уæргуыбатæм скодтой. Уыцы хабар арвы цæфау куыннæ уыди Со- лымæн. Барсæдæы æнæфæныкæй хъал фыртæн куыд бакуымдта Габойы сæрыстыр чызг Налхъуытæ? Æппæтæн дæр æрцæуыны æнхъæл уыд, фæлæ уыцы хабарæн — никæд! Ау, чыздæы æфсымæр Булатыхъо йæ худинаджы фæстæ куыд сразы йæ хойы йæ бафхæрæгæн радтыныл? Фыццаг æй хабар нæ уырныдта, фæлæ йын куы загътой — Адзыбе æмæ йын Хæсанæ фидауджытæ уыдысты, уæд хъуыддаг бæстондæр базоныны тыххæй ацыд Адзыбейы фæрсынмæ.Солым базыдта, Булатыхъо йæ худинаджы фæстæ йæ къух кæй систа йæ фыдыл, йæ мады ’фсымæртæм кæй фæлыгъд æмæ уым цæргæйæ кæй баззад. Фидыды хабар та æцæг у.Солымæн йæ мæт йæ хуылфы хæлд. Чызгмæ хъавыд йæ минæвæртты барвитынмæ, фæлæ бонæй-бонмæ ныкъкъуылымпы. Куы йæ базаргæнджытимæ Чъребайы хъуыддæгтæ уыд, куы йæ фосы дзугтæ Хъызлармæ аскъæрын хъуыд æмæ сын уым хизæнуæтты фæдыл рахау-бахау кодта, стæй та йæ хосгæрдæны нæ равдæлд æмæ афтæмæй чызг аирвæзт йæ къухæй. Ныхъхъуыды кодта: цы хуызы бакъуылымпы кæна хъуыддаг æмæ йæхирдыгæй куыд фæкæна чызджы.Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/02/1b/21678817_0:0:1083:812_1920x0_80_0_0_2cf5c27913e3219b825a9557c864e32c.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, истори, аудио
Тедоты хъæуыл айхъуыст: Бесолты Æхсæртæг, дам, Габойы чызг Налхъуытæимæ бафидыдта. Чындзæхсæвы æмгъуыд, дам, Дæи- уæргуыбатæм скодтой. Уыцы хабар арвы цæфау куыннæ уыди Со- лымæн. Барсæдæы æнæфæныкæй хъал фыртæн куыд бакуымдта Габойы сæрыстыр чызг Налхъуытæ? Æппæтæн дæр æрцæуыны æнхъæл уыд, фæлæ уыцы хабарæн — никæд! Ау, чыздæы æфсымæр Булатыхъо йæ худинаджы фæстæ куыд сразы йæ хойы йæ бафхæрæгæн радтыныл? Фыццаг æй хабар нæ уырныдта, фæлæ йын куы загътой — Адзыбе æмæ йын Хæсанæ фидауджытæ уыдысты, уæд хъуыддаг бæстондæр базоныны тыххæй ацыд Адзыбейы фæрсынмæ.
Солым базыдта, Булатыхъо йæ худинаджы фæстæ йæ къух кæй систа йæ фыдыл, йæ мады ’фсымæртæм кæй фæлыгъд æмæ уым цæргæйæ кæй баззад. Фидыды хабар та æцæг у.
Солымæн йæ мæт йæ хуылфы хæлд. Чызгмæ хъавыд йæ минæвæртты барвитынмæ, фæлæ бонæй-бонмæ ныкъкъуылымпы. Куы йæ базаргæнджытимæ Чъребайы хъуыддæгтæ уыд, куы йæ фосы дзугтæ Хъызлармæ аскъæрын хъуыд æмæ сын уым хизæнуæтты фæдыл рахау-бахау кодта, стæй та йæ хосгæрдæны нæ равдæлд æмæ афтæмæй чызг аирвæзт йæ къухæй. Ныхъхъуыды кодта: цы хуызы бакъуылымпы кæна хъуыддаг æмæ йæхирдыгæй куыд фæкæна чызджы.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.