Гаглойты Алан раарфæ кодта Михаил Мишустинæн йæ райгуырæн боны цытæн

© Sputnik / Дмитрий Астахов /  Ахизын медиабанкмæМихаил Мишустин
Михаил Мишустин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.03.2023
Бафыссын
НовостиTelegram
ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Уæрæсейы хицауады сæрдар Михаил Мишустинæн йæ райгуырæн боны цытæн.

"Уæрæсейы Федерацийы хицауады сæрдарæй кусын куы райдыдтай, уæдæй фæстæмæ стыр æнтыстытæ ис, дæ паддзахадон архайд та иумæйаг цыт æмæ кады аккаг у", - дзырдæуы президенты сайтыл мыхуыргонд арфæйы телы.

Президент бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны аргъ кæй кæнынц УФ хицауады сæрдары хъусдардæн республикæмæ æмæ дывæрсыг æмгуыстадæн.
Гаглойты Аланы зæрдæ загъта Мишустинæн фидар æнæниздзинад, хæрзæбон, амонд æмæ ног æнтыстытæ Уæрæсейаг паддзахады райрæзты сæраппонд.
Ног хабӕртты лентӕ
0