"Хъайтарты рæстæг": Дзæуджыхъæуы ацыд хæрзаудæн концерт СÆО-йы æнцойæн

© Photo : ГТРК "Алания"Дзæуджыхъæуы ацыд хæрзаудæн концерт СÆО-йы æнцойæн
Дзæуджыхъæуы ацыд хæрзаудæн концерт СÆО-йы æнцойæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы ацыд концерт æфсæддонты æнцойæн, кæцытæ хайад исынц Сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО)-йы зонæйы, хъусын кæны ПТРК "Алания".
Хæрзаудæн концерт "Хъайтарты рæстæг" ацыд культурæйы Галуан "Металург"-ы.
Мадзалы хайад райстой Цæгат Ирыстоны популярон артисттæ æмæ сфæлдыстадон коллективтæ. Сценæйыл ралæууыдысты Тайсауты Олег, Габуты Светлана, Хадыхъаты Алла, ансамблтæ "Сафар", "Сæрмæт" æмæ "Кавказаг ритмтæ".
Концерты организатор – инициативон къорд "Наири". Æрæмбырдгонд фæрæзтæ ацæудзысты Адæмон фронт, 58-æм фæсад æмæ СÆО хайадисджыты фондмæ.
Уый размæ Цхинвал æмæ Дзæуджыхъæуы ауагътой къорд культурон мадзалы хæстонты æнцойæн, кæцытæ хайад исынц СÆО-йы.
Ног хабӕртты лентӕ
0