Мæскуыйы æрныхас кодтой ХИПУ æмæ МПУ æмгуыстадыл

© Photo : Пресс-служба ЮОГУМæскуыйы æрныхас кодтой ХИПУ æмæ МПУ æмгуыстадыл
Мæскуыйы æрныхас кодтой ХИПУ æмæ МПУ æмгуыстадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik. ХИПУ ректор Тедеты Вадим хайад исы университетты Евразийаг ассоциацийы XV Съезды. Куысты рæстæджы Тедеты Вадим æрныхас кодта æмгуыстады фарстытыл Мæскуыйаг паддзахадон университеты (МПУ) ректор Виктор Садовничиимæ.

"Тедеты Вадим æмæ Виктор Садовничийы ныхасы рæстæджы æрдзырдтой даррдæры æмгуыстады фарстытыл ХИПУ æмæ МПУ ᾿хсæн, афтæ ма фылдæр эффективондзинады тыххæй хуссарирыстойнаг университет, УФ уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ зонадон-ахуырадон организациты æмгуыстады алы фадгуыты дæр", дзырдæуы ХИПУ пресс-службæйы хъусинаджы.

Садовничий райста йæ хуссарирыстойнаг коллегæйы хуынд ХИПУ-мæ 2023 азы кусæгон балцы.
Съезды рæстæджы Тедеты Вадим ауагъта фембæлдтæ Уæрæсейы Федераци, Хæдбар паддзахæдты æмбалады æмæ дард фæсарæнты университетты ректортимæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0