Турчы сарӕзтой Нарты хъӕу

© Пресс-служба президентаХъусаты Садреттин
Хъусаты Садреттин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik. Турчы самадтой Нарты хъӕу ӕмӕ йын йӕ уынгтӕн та раттой ахӕм нӕмттӕ: Дзӕуджыхъӕу, Беслӕн ӕмӕ ӕндӕр Кавказаг горӕтты нӕмттӕ. Кӕй хъӕппӕрисӕй ӕрцыд амад уыцы хъӕу, уый фӕдыл Sputnik радзырдта Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад "Алани"- йы сæрдар Хъусаты Садреттин.
Уый загъта, зӕгъгӕ, ацы хабар ног нӕу, кӕд Ирыстоны ног фехъуыст у, уӕддӕр.
"Хъӕу сӕндидзыны хабар ӕрхъуыды кодтой ирӕттӕ ӕртын азы размӕ. Тугъанты Джамиль йе 'мбӕлттимӕ ӕрхъуыды кодта, зӕгъгӕ, туркаг ирӕттӕ апырх сты Турчы стыр горӕттыл, нӕ фесӕфтой се 'взаг, се 'гъдау ӕмӕ сӕ хъӕуы ӕрбатымбыл кӕнын иу бынаты, саразын хъӕу. Анкарайы ис хъӕу, кӕцыйы балхӕдтой зӕхх. Хъӕу аразыны тыххӕй закъонмӕ гӕсгӕ цыдӕр къуылымпыдзинӕдтӕ уыд, фӕлӕ иу 10 азы фӕстӕ закъон аивта къухдариуӕгад, уӕдмӕ уыдон хъахъӕдтой уыцы зӕхх. Стӕй бавнӕлдтой ӕмӕ цъус рӕстӕг дӕр нӕ бахъуыд, фӕлӕ самадтой хӕдзӕрттӕ – афтӕ сӕвзӕрдис нарты хъӕу", - загъта уый.
Садреттин банысан кодта, уыцы хъӕуы ирӕттимӕ иумӕ кӕй цӕрынц адыгейӕгтӕ, цӕцӕйнӕгтӕ. Хъӕумӕ бацӕуӕны ис ахӕм фыст "Ацы хъӕуы бирӕ ӕнусты размӕ Кавказӕй чи ӕрбацыд, уыдонӕн се 'мтуг чи у, уыцы адӕм цӕрынц".
Турчы зæххæнкъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.02.2023
Æввахс фæсарæнты специалисттæ æххуыс кæнынц Сири æмæ Турчы зæххæнкъуысты зианбаййафджытæн
"Хъӕуы цӕрджытӕ афтӕ бадзырдтой, цӕмӕй исчи куы ӕрхъава йӕ хӕдзар уӕй кӕнын, уӕд ӕй ратдзӕн кавказаг чи у, ахӕмӕн ӕрмӕстдӕр. Уынгты нӕмттыл сӕвӕрдтой Кавказаг горӕтты нӕмттӕ – проспект Майкоп, проспект Эльбрус, Сухум, Владикавказ, Беслан. Цӕрджытӕй ис ахӕмтӕ, кӕдон къуырийы дӕргъы вӕййынц сӕ горӕттаг хӕдзӕртты, улӕфтыты та – хъӕумӕ ӕрбацӕуынц. Ис ма дзы ахӕмтӕ дӕр, кӕцытӕ Анкарайы нӕ цӕрынц, фӕлӕ Измиры кӕнӕ Турчы ӕндӕр горӕтты. Уыдон та сӕ сывӕллӕттимӕ хъӕумӕ ӕрцӕуынц уалдзӕг куы ӕрбалӕууы, уӕд", - радзырдта Садреттин.
Ӕхсӕнады хистӕр ма ракодта Турчы зӕххӕнкъуысты кой дӕр.
"Турчы зӕххӕнкъуыст куы уыд, уӕд хъӕуы адӕм ӕртымбыл сты ӕмӕ баныхас кодтой, цӕмӕй 200 адӕймаджы, кӕдон бахаудтой зындзинады – баззадысты ӕнӕхӕдзар, ӕнӕдуар, уыдоны ӕрцӕрын кӕной сӕхи къуымты, кӕнӕ хъӕуы ӕвдӕлон хӕдзӕртты. Ирон диаспорӕйы минӕвӕрттӕ сӕ бабӕрӕг кодтой, мӕхӕдӕг дӕр уыдтӕн уым. Хӕринӕгтӕ сын бахастам, ӕмӕ ма цӕмӕй хъуаг уыдысты, уыдон дӕр баххӕст кодтам", - загъта уый.
Садреттин банысан кодта, зындзинады ирӕттӕ уыцы адӕмы фарсмӕ кӕй балӕууыдысты, уый гыццыл хабар кӕй нӕу.
"Иу фынгыл иууыл-иумӕ ӕрбадтыстӕм ӕмӕ къам систам, цӕмӕй ацы зын бонтӕ ивгъуыды куы баззайой, уӕддӕр-иу уыцы адӕм ӕрхъуыды кӕной, Нарты хъӕуы адӕм сӕ зыны рӕстӕджы сӕ фарсмӕ кӕй балӕууыдысты, уый", - бафтыдта йӕ ныхасы кӕрон Садреттин.
Ног хабӕртты лентӕ
0