Уæлдæр æмвæзад – Дриаты Заза УФ Паддзахадон Думæ æмæ РХИ парламенты ᾿хсæн бадзырды тыххæй

© Sputnik / Natalia AiriyanУæлдæр æмвæзад – Дриаты Заза УФ Паддзахадон Думæ æмæ ХИ парламенты ᾿хсæн бадзырды тыххæй
Уæлдæр æмвæзад – Дриаты Заза УФ Паддзахадон Думæ æмæ ХИ парламенты ᾿хсæн бадзырды тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент æмæ УФ Паддзахадон думæйы Федералон Æмбырды ᾿хсæн бадзырд ракæндзæн æмгуыстад уæлдæр æмвæзадмæ, радзырдта Sputnik æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастзинæдты парламенты комитеты сæргълæууæг Дриаты Заза.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм бадзырд ма бафыстой 2023 азы, фæлæ кæронмæ куыстгонд нæ уыд.

"Мах æркастыстæм фарстмæ къамисы рабадты. Ацы бадзырд фыст æрцыд Паддзахадон Думæйы, сæрмагондæй Вячеслав Володины хъæппæрисæй. Куы бауынаффæ кодта æрфыссын бадзырд, уæд Хуссар Ирыстоны спикер та бахаста уынаффæ, цæмæй бафыссой ацы бадзырд республикæйы", - радзырта ныхасæмбал.

Уый бафтыдта, ног бадзырды кæй æркастæуыд дыууæ паддзахады æппæты фадгуытæм дæр.
Кæд бафысдзысты бадзырд, уыцы бон нырма бæрæг нæу, снысан æй кæндзысты Мæскуыйы ратификацийы фæстæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0