Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

45. БУЛАТЫХЪО ÆРБАЗДÆХТ ХÆДЗАРМÆ

45. БУЛАТЫХЪО ÆРБАЗДÆХТ ХÆДЗАРМÆ
Рафыссын
Йæ хæтæнхауæг æфсымæр йæ фыды уæзæгмæ кæй æрыздæхт, уый иуæй æхсызгон уыди Налхъуытæйæн, аннæмæй та йæ тасы æппæрста, мыййаг, Æхсæртæдæимæ куы фембæлой, æнæ фембæлгæ та сын уæвæн нæй, Булатыхъо йæ мæты фæдыл куы ныллæууа æмæ сын фыдбылызмæ куы асайа. Уыцы хъуыды йын бонæй-бонмæ æнцой нал лæвæрдта æмæ иу æхсæв æркой кодта:
— Булатыхъо, зоныс æй, куырдуаты кæй дæн... Йæхицæн мæ цардымбалæн чи равзæрста, уыимæ зулдзых стут... Æвæндонæй не 'хсæн ницы уыд, уарзгæ йæ кæнын æмæ дæ курын — иухатты хъаугъайæн уе 'хсæн бынат мауал уæд.
— Цы аразыс, уый дæхи хъуыддаг у, æз никæмæн ницы кæнын, хъауджыдæр мын нал у, — йæ къух ауыгъта лæппу.
Уыцы ныхас фæрогдæр кодта Налхъуытæйы тас. Æнхъæлмæ каст Æхсæртæгмæ, кæд фæзындзæн æмæ сæ кæд бафидауын кæндзæн. Фæлæ Æхсæртæг куы никуыцæй зынд, уæд æм ахсайдта чызджы зæрдæ, кæд, мыййаг, фехъуыста, Булатыхъо кæй æрыздæхт, уыцы хабар æмæ уымæн нал цæуы, кæнæ та кæд, фæстаг хатт изæрыгон куы ацыд, уæд ыл исты фыдбылыз сæмбæлд, гъе та рынчын у, зæгъгæ. Айразмæ цыдæр æнкъард æмæ сагъæсхуыз уыди. Чызгбынат нал ардта йæхицæн. Ракæсæны къуылдыммæ ныуурс сты йæ цæстытæ, уæд та йæм искæй бæрæггæнæг куы арвитид, фæлæ Кыркысы йеддæмæ йæ зæрдæ никæуыл дары, æмæ уымæ та йæ цæсгом нал хъæцы.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0