Белгороды областы Уæлдæфон хъахъхъæнынады системæ æрыппæрста æртæ украинæйаг ракетæйы

© Sputnik / Министерство обороны РФ /  Ахизын медиабанкмæУæлдæфон хъахъхъæнынады системæ
Уæлдæфон хъахъхъæнынады системæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 мар – Sputnik. Уæлдæфон хъахъхъæнынады системæ скуыста Новый Осколы, æрыппæрстой æртæ ракетæйы, цæфтæ райста иу адæймаг, фехъусын кодта йæ Telegram-каналы Белгороды областы губернатор Вячеслав Гладков.
"Новый Осколы скуыста уæлдæфон хъахъхъæнынады системæ. Æрыппæрстой æртæ ракетæйы. Фæстиуджытæ бæрæг цæуынц. Иу адæймаг райста буары цæфтæ. Тагъд æххуысы бригадæ ныридæгæн ис цауы бынаты", - ныффыста Гладков.
Областы сæргълæууæг банысан кодта, кæй бахъыгдард сты электрохызæгтæ æмæ бæстыхæйтты фасадтæ Новоосколаг зылды цалдæр хъæуы. Цауы бынатмæ ацыдысты оперативон æмæ аварион службæтæ.
Белгороды област бирæ хатт бахаудта æхстыты бын Украинæйы рдыгæй. Регионы территорийыл 11 апрелæй фæстæмæ архайы террористон æдасдзинады бур æмвæзад.
Ног хабӕртты лентӕ
0