Сергей Лавров банысан кодта Хуссар Иры ФХМ-имæ æмархайды бæрзонд æмвæзад

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæФæсарæйнаг хъуыддæгты министрад
Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 мар — Sputnik. Министрадты æхсæн æмархайды бæрзонд æмвæзады руаджы æнтыстджынæй скъуыддзаг цæуынц уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг боны фæткы фарстытæ. Уый тыххæй дзырдæуы Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæргълæууæг Сергей Лавровы арфæйы телы хуссарирыстойнаг коллегæ Джиоты Æхсарæн йæ райгуырæн боны фæдыл.
Арфæйы тел министрæн радта Уæрæсейы минæвар республикæйы Марат Кулахметов фембæлды рæстæджы Цхинвалы.
"Уырны мæ, нæ дипломатон уагдæттæ дарддæр кæй хæсдзысты егъау хайбавæрд дыууæварсон æмгуыстады райрæзтмæ, кæцы арæзт у хæларад æмæ интеграцийы принциптыл, æмæ ахъаз у Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны адæмты интерестæн, Фæскавказы сабырдзинад æмæ стабилондзинадæн", - дзырдæуы хъусинаджы.
Кулахметов йæхи æмæ минæварады номæй раарфæ кодта Джиоты Æхсарæн бæрæгбоны цытæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0