Фæндагон службæтæ бавнæлдтой Транскам сыгъдæг кæнынмæ – УУМ

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 мар – Sputnik. Фæндагон службæтæ бавнæлдтой Транскам сыгъдæг кæнынмæ митæй. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ. Куыстытæ уагъд цæуынц "Дæллаг Зæрæмæг" - Ручъы тоннелы цæгаттаг портал фадыгыл.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй ныртæккæ мит нал уары, уый фæдыл службæтæн фадат ис кусын.
УУМ бафтыдтой, зæгъгæ, нырма сæ бон зæгъын нæу, кæд бакæндзысты фæндаг.
Транскамыл фæндагон змæлд æрурæдтой хуыцаубоны изæры автотранспортон фæрæзтæн æдас ацæуæн сæххæст кæныны фадат кæй нæ уыд, уый тыххæй.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0