Тадтаты Дзамболат уæлбарон уавæрты æфстау исынæн æххуыс кæныны Фонды куысты тыххæй

© Sputnik / Natalia AiriyanТадтаты Дзамболат уæлбарон уавæрты æфстау исынæн æххуыс кæныны Фонды куысты тыххæй
Тадтаты Дзамболат уæлбарон уавæрты æфстау исынæн æххуыс кæныны Фонды куысты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik, Тъехты Дзерасса. Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн уæлбарон уавæрты æфстау исынæн æххуыс кæныны Фонды æфтиаг Хуссар Ирыстоны ивгъуыд азы уыд 41 милуан 656 мин сомы. Уый тыххæй хицауады рабадтыл дыццæджы радзырдта экономикæйы министрады сæгълæууæг Тадтаты Дзамболат. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы суммæ рацыд нывæстæй 98, 94 проценты.

"Ацы æхцатæй 30 милуан 106 мин сомы – республикæйы паддзахадон бюджетæй радтой уæлбарон уавæрты æфстау исынæн æххуысс кæныны Фондæн. 11 милуан 549 мин сомы – проценттæ, кæцытæ райстой Фонды цы ᾿хцатæ æрæвæрдтой, уыцы кредитон организацийы депозиты", - банысан кодта Тадтаты Дзамболат.

Уымæй дарддæр 2022 азы Фонды бæрнон совет цы бизнес-проекттæн радта разыйы дзуапп, уыдон уыдысты 55 амалиуæггæнæджы, хъæууон хæдзарадæн радтой 40 кредиты, лæггадкæныны фадыджы – фондз, кондады – авд, базар кæныны – æртæ. Закъоны проект арвитдзысты æрфидар кæнынмæ парламентмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0