"Цъæх Алани" æртыццæджы ауадздзæн фыццаг уалдзыгон зиу

© Sputnik / Наталья Айриян"Цъæх Алани" ауаддзæн фыццаг уалдзыгон зиу
Цъæх Алани ауаддзæн фыццаг уалдзыгон зиу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik, Гæбæраты Элина. Цхинвалы сæрмæ Тулдзы къохы ацæудзæн фыццаг зиу ацы азы. Уый тыххæй Sputnik радзырдта æрдз хъахъхъæныны фæдыл æхсæнадон организаци "Цъæх Алани"-йы къухдариуæггæнæг Габаты Зæлинæ.

"Ацы зиу у фыцаг æфснайæн акци ацы азы. Тулдзы къох тынг быронгонд нæу, фæлæ дзы уæддæр хъæуы бафснайын. Афтæ ма нæ нывæсты ис иууыл чысылты арвитын гыркъотæ æртымбыл кæнынмæ, цæмæй сæ скъолаты разайын кæной. Уый дæр у пайдаджын куыст. Æнхъæлмæ кæсæм алкæмæдæр райсом раджы бассейны цур", - банысан кодта Габаты Зæлинæ.

Æхсæнадон организацийы къухдариуæггæнæг куыд банысан кодта, афтæмæй ацы азы сæ тыхтæ æрæвæрдзысты, цæмæй цæугæдæттæ æмæ донбылгæрæтты территори хъахъхъæныны закъон скуса.
2022 азы организаци стыр хъусдард аздæхта бырон хицæнтæй тымбыл кæнынмæ, афтæ ма хъарм рæстæджы экологийы хъахъхъæнджытæ зылдысты цыппар арсы лæппынмæ. Уымæй дарддæр ма ауагъæдуыд алыхуызон экологион акцитæ æмæ æфснайыны зиутæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0