Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

46. МÆНГАРД ХАХУЫРЫ ФÆСТИУÆГ

46. МÆНГАРД ХАХУЫРЫ ФÆСТИУÆГ
Рафыссын
Налхъуытæ æнæхъуаджы нæ тарсти Æхсæртæгæн. Баййæфта сæ, цæмæй тарстысты, уый... Мæнгард хахуыр дыууæ ’фсымæры ’хсæн ныллыг кодта хæстæгдзинады рæхыстæ æмæ уыимæ йæ тæккæ ’рдæгыл фæхицæн хуссары хуымы гæппæл дæр. Иуырдæм дæр ын бахуымгæнæн нал уыд æмæ иннæрдæм дæр, фæлæ Хæсанæ йæ сыхаджы фыдæнæн уæддæр рагацау тых æмæ амæлттæй йæ хай бакодта.
Æхсæртæг æххуыс кодта Булатыхъойæн, æгæр афæстиат æмæ æрæгмæ куы цыд, уæд Барсæг, зæхх ныххус æмæ дзы дзывыр нал ныххиздзæн, зæгъгæ, бавнæлдта хуым кæнынмæ. Уый фæстæ йæ байтыдта æмæ йæ адæгæй баласта. Дыккаг райсом æрцыд, хъæубæстæ кæмæй ныккæрзыдтой æмæ дыууæ ’фсымæры ’хсæн цы фыдбылыз фæмидæг, уый кæрон...
Райсом Солым, мæ хуымонтæн мын æфсондз авæр, зæгъгæ, Хæсанæмæ бацыд. Хæсанæ йын æфсондз куы рахаста, уæд ын Солым йæ хъусы бацагъта:
— Нæ фæлæ, Хæсанæ, уыцы хуымы гæппæлыл Барсæджимæ иумæ куы фæфыдæбон кодтат, уæд дзы уый фылдæр хай цæмæн систа?
— Чи дын загъта? Æмæ йæ мæхæдæг куы ныллыг кодтон йæ тæккæ астæуыл.
— Нæ зонын, ныртæккæ Уæлæсыхæй цæуын, мæ фæндаг ууылты ракодтон, æмæ мæм афтæ фæкаст, цыма, Барсæджы хай стырдæр у. Æниу æй кæд дæхæдæг адих кодтай, уæд, чизоны, æз рæдийын. Цæй, бузныг, де ’фсондзы тыххæй. Тæккæ изæры дын æй хæццæ кæндзынæн, — Солым æфсондз йе ’ккой баппæрста.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0