Уæрæсейы æфсæдтæ æрыппæрстой украинæйаг хæдтæхæг МиГ-29 æмæ вертолет Ми-8

© Sputnik / Александр Вильф /  Ахизын медиабанкмæХæдтæхæг МиГ-29
Хæдтæхæг МиГ-29 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik. Уæрæсейаг æфсæддонтæ иу суткæмæ æрыппæрстой Украинæйы уæлдæфон тыхты хæдтæхæг МиГ-29 æмæ вертолет Ми-8. Уый тыххæй хъусын кæны УФ Хъахъхъæнынады министрад.
"Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхты авиаци Запорожаг областы Вольнянск цæрæн пункты районы уæлдæфон тохы рæстæджы æрыппæрста украинæйаг хæдтæхæг МиГ-29. Донецкаг Адæмон Республикæйы Новогродовка цæрæн пункты районы æрыппæрстой украинæйаг вертолет Ми-8", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уымæй дарддæр, уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ скуынæг кодтой залпон æхсты реактивон системæ "HIMARS"-ы æхсæз сармадзаны, афтæ ма фондз украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 399 хӕдтӕхӕджы, 218 вертолеты, 2366 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 410 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 8241 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 1055 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 4308 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 8816 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0