УУМ аиуварс кодтой зынгсивæрзт Цхинвалы цур

© Sputnik / Пресс-служба МЧС РЮОУУМ аиуварс кодтой зынгсивæрзт Цхинвалы цур
УУМ аиуварс кодтой зынгсивæрзт Цхинвалы цур  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны зынгфæдисонтæ аиуварс кодтой хус кæрдæджы ссыгъд Цхинвалы цур ТЭК-ы районы, хъусын кæны республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрад (УУМ).
Банысангонд æрцыд, зынгсивæрзты тыххæй кæй фехъусын кодтой радгæсон службæмæ 11.13 сахатыл цыппæрæмы.
Бынатмæ рацыд иу зынгфæдисон хæдтулгæ æмæ оперативонæй ахуыссын кодта арт.
Ног хабӕртты лентӕ
0