Гаглойты Владимир. Пробуждение - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2022
Гъе-мардзæ, исчи!

47. ДЫУУÆ ЗИАНЫ

47. ДЫУУÆ ЗИАНЫ
Рафыссын
Ныр дыууæ боны арв æмæ зæхх кæрæдзи хойынц. Уары тæрккъæвда къæртайæ калæгау. Раивылдысты хæххон дæттæ. Комы нарæдæы нæты, йæ фæрстæ тоны йæ фынккалгæ Садæил комы æрра цæугæдон.
Тæрккъæвда ныххафта хæххон къахвæндæгтæ, фæласта хидтæ, хъæуæй хъæуы ’хсæн ацæуæнтæ нал и. Къæвда мидæмæ батардта адæмы æмæ сæ æддæмæ ракæсын нал уадзы.
Кæуы æрдз Тедоты хъæуыл, кæуы ныр дыууæ боны дæргъы, йæ цæссыг нал уромы. Бадынц фæхсбандæттыл дæргъæй-дæргъмæ уаты хъæубæстæ. Иуырдыгæй, куыд хистæрæй, хъæуы зæронд лæгтæ, аннæрдыгæй та, Зæринæйы марды чырынмæ хæстæгдæр — устытæ.
Бабын хæдзар, иу къуырийы — дыууæ зианы. Адæм сæ хъыджы хай фæкодтой æмæ æнхъæлмæ кæсынц, кæд банцайдзæн къæвда æмæ Зæринæйы кæд сæмбæлын кæндзысты йæ сыджыты хайыл. Фæлæ мардæн истытæ хъæуы. Хæдзары цы муртæ уыд, уыдон Хæсанæйы хисты фæдыл бахъуыдысты. Сфæлхас сты Барсæджы къуымтæ дæр æмæ ма цæмæй бавæрой Зæринæйы та? Хъæубæстæй дæр алчи йæхæдæг бæрццард кæны. Сæ хæдзæртты ссады къæрмæджытæ бонгай нымад сты къусæй. Алчи йæ хоры нæмгуытæ нырма ныр аппæрста сыджытмæ. Кæд æрзайдзæн тыллæг, уымæй дæр куыд æрзайдзæн, чи йæ зоны.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0