https://sputnik-ossetia.com/20230310/khussar-iry-bakodtoy-tstsny-respublikyy-kulturyy-bont-21846740.html
Хуссар Иры бакодтой Цæцæны Республикæйы культурæйы бонтæ
Хуссар Иры бакодтой Цæцæны Республикæйы культурæйы бонтæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 10 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы ацыд Цæцæны культурæйы бонты бæрæгбонон баконд. Паддзахадон драмон театры сценæйыл уазджытæн раарфæ кодта... 10.03.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-03-10T12:22+0300
2023-03-10T12:22+0300
2023-03-10T12:22+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
культурӕ
цхинвал
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/03/0a/21843077_0:160:3072:1888_1920x0_80_0_0_19aa21e5f484b642fdfee0306db08e18.jpg
ЦХИНВАЛ, 10 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы ацыд Цæцæны культурæйы бонты бæрæгбонон баконд. Паддзахадон драмон театры сценæйыл уазджытæн раарфæ кодта Уæрæсейы минæвар республикæйы Марат Кулахметов æмæ культурæйы министр Зæгъойты Рада.Цæцæны культурæйы министры хæдивæг Марет Байсарова бузныг загъта Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадæн хъарм райсты тыххæй æмæ бафарста арфæйы тел культурæйы министр Айшат Кадыровайы номæй.Уый фæстæ ацыд Михаил Лермонтовы роман "Герой нашего времени"-йы мотивтыл спектакль "Бэла"-йы равдыст.Спектаклы кæрон Михаил Лермонтовы номыл драмон театры артисттæ радтой Паддзахадон драмон театры аивадон разамонæг Дзуццаты Тамерланæн лæвар.Цæцæны Республикæйы кульутрæйы бонтæ адарддæр уыдзысты 11 марты онг. 10 æмæ 11 марты ацæудзысты Цæцæны Паддзахадон ансамбль "Вайнах"ы концертттæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/03/0a/21843077_172:0:2901:2047_1920x0_80_0_0_6d3e5219f89c4a8a1e71d7fc4f2d101e.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ, цхинвал
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ, цхинвал
Хуссар Иры бакодтой Цæцæны Республикæйы культурæйы бонтæ
ЦХИНВАЛ, 10 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы ацыд Цæцæны культурæйы бонты бæрæгбонон баконд. Паддзахадон драмон театры сценæйыл уазджытæн раарфæ кодта Уæрæсейы минæвар республикæйы Марат Кулахметов æмæ культурæйы министр Зæгъойты Рада.
"Мæн фæнды раарфæ кæнын алкæмæндæр, кæцыты руаджы бантыст ауадзын Цæцæны Республикæйы культурæйы бонтæ Хуссар Ирыстоны – Цæцæны республикæйы сæргълæууæг Рамзан Кадыров æмæ культурæйы министр Айшат Кадырова, афтæ ма Цæцæны республикæйы культурæйы минæвæрттæн", - загъта йæ ралæуды Зæгъойты Рада.
Цæцæны культурæйы министры хæдивæг Марет Байсарова бузныг загъта Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадæн хъарм райсты тыххæй æмæ бафарста арфæйы тел культурæйы министр Айшат Кадыровайы номæй.
Уый фæстæ ацыд Михаил Лермонтовы роман "Герой нашего времени"-йы мотивтыл спектакль "Бэла"-йы равдыст.
Спектаклы кæрон Михаил Лермонтовы номыл драмон театры артисттæ радтой Паддзахадон драмон театры аивадон разамонæг Дзуццаты Тамерланæн лæвар.
Цæцæны Республикæйы кульутрæйы бонтæ адарддæр уыдзысты 11 марты онг. 10 æмæ 11 марты ацæудзысты Цæцæны Паддзахадон ансамбль "Вайнах"ы концертттæ.