Хуссар Иры ÆХМ минæвæрттæ хайад исынц æхсæнадæмон конференцийы

© Sputnik / Natalia AiriyanПлиты Агуындæ
Плиты Агуындæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады (ÆХМ) делегаци министр Плиты Агуындæйы сæргълæудæй хайад исы Æхсæнадæмон зонадон-практикон конференцийы "Междисциплинарные вопросы детского и женского здоровья". Уый тыххæй хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Конференци уагъд цæуы Дзæуджыхъæуы, "Республикон сывæллæтты клиникон рынчындоны" фæзуатыл. Конференцийы хайадисджытæ бавдисдзысты докладтæ педиатри, сылгоймæгты æнæниздзинад æмæ неонатологийы фадыджы.
"Медицинон зонæдты кандидат, уæлдæр категорийы дохтыр акушер-гинеколог Санахъоты Тамила ралæудзæн докладимæ: "Акушерон-гинекологон æххуыс бакæнын сорганизаци кæнын Хуссар Ирыстоны" - дзырдæуы хъусинаджы.
Конференцийы хайадисджыты раз арфæйы ныхæстимæ ралæууыд Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Плиты Агуындæ. Йæ раныхасы уый банысан кодта конференцийы ахсджиагдзинад, бузныг загъта æрхуынды тыххæй æмæ йæ зæрдæ загъта хайадисджытæн пайдаджын куыст.
Хуссарирыстойнаг делегацийæ дарддæр конференцийы куысты хайад исынц УФ Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады "Национальный медицинский исследовательский центр акушерства, гинекологии и перинатологии имени академика В.И. Кулакова"-ы специалисттæ, Цæцæн, Кæсæг-балхъар, Хъæрæсе-Черкес, Дагестан, Мæхъæл æмæ Таджикистаны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадты минæвæрттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0