Ленингоры район арвыста гуманитарон æххуыс СÆО хæстонтæн

© Пресс-служба Ленингорского районаЛенингоры район арвыста гуманитарон æххуыс СÆО хæстонтæн
Ленингоры район арвыста гуманитарон æххуыс СÆО хæстонтæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.03.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 мар – Sputnik, Гæбæраты Элина. Гуманитарон æххуысы радон парти æрбаластой ирон хæстонтæн сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) зонæмæ. ПТРК "Ир" куыд хъусын кæны, афтæмæй ацы хатт гуманитарон æххуыс бакодта Ленингоры район, афтæ ма горæты дыккæгæм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ.
Уаргъимæ ацыд районы администрацийы сæргълæууæг Гæджиты Илларион. Æххуыс адих кодтой алыгъуызон ирон батальонты æхсæн.
"Сывæллæттæ æмæ хистæр кары адæм иумæйагæй æрæмбырд кодтой æххуыс", - банысан кодта Гæджиты Илларион.
Уый баныфсæвæрдта, тагъд рæстæджы сæрмагонд æфсæддон операци кæй фæуыдзæн уæлахизæй, æмæ хæстонтæ иууылдæр æрцæудзысты Хуссар Ирыстонмæ сæрыгас æмæ æнæнизæй.
"Мах зæрдæйæ алыхатт дæр стæм уемæ. Сæрыстыр уæ стæм. Уæхи хъахъхъæнут", - загъта районы сæргълæууæг.
Хæстонтæ бузныг загътой гуманитарон æххуысы тыххæй, сæйраджыдæр, сывæллæттæн сæ хъарм фыстæджыты тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0